Леонти Мровели
Леонти Мровели | |
---|---|
Мæлæты датæ | XI æнус |
Архайды хуыз | историк, фыссæг, хронист |
Леонти Мровели (гуырдз. ლეონტი მროველი) уыдис XI æнусы цæрæг гуырдзиаг азгай уацфыссæг æмæ сауджын. Мровели йæ мыггаг нæу, фæлæ у миногон, кæцы æвдисы, Руисийæ кæй у, уый: куыд æнхъалынц, уыцы бынаты алчер уыд.
Леонти Мровелийы тыххæй цалдæр ныхасы ис «Картлис цховребайы» æрæгон аннотациты. Уый йеддæмæ æрмæст цалдæр хатт йæ кой ссарæн ис:
1) йæ ном ис 11-æм æнусы манускрипты Афоны хохæй, академик Марр кæй ссардта, ууым. Уыцы манускрипты мысынц цыдæр алчер Леонтийы, æмæ Марр йæ Леонти Мровелиимæ сбаст кодта, уымæн æмæ æндæр XI æнусы цæрæг алчерты ахæм номимæ историктæ нæ зонынц. [1]
2) йæ кой иу хатт цæуы Евтимий Афойнаджы «Христосомы ныхасæппæрæнтæ сыгъдæг Матвейыл» тæлмацы;
3) йæ ном ссарæн ис 1066-æм азы фыстыты Трехвийы лæгатты централон Гуырдзыстоны. Уыцы лæгаты 1957-æм азы ссардтой расткъуым кæрдæгхуыз стелæйы, уыцы стелæйыл нынныв кодтой дзуар æмæ рафысстой 16-рæнхъон фыстæг гуырдзиаг нусхохуцури абетæй: «Æз, Леонти Мровели, уыцы лæгæт самадтон хуыцауты сурæтты æмæ Руисийы аргъуаны сывæллæтты ирвæзынмæ, Гуырдзыстон Арп-Арсланæй ныппырх куы уыд, уыцы рæстæджы».[2] [3]
Цалдæр иртæсджытæ æнхъалынц, Мровели æцæгæй VIII æнусы кæй цард, уый. Адоны æхсæн уыдис зынгонд гуырдзиаг историк Павле Инвороква. Ингвороква, Леонти Мровелийы уацмыстæ тынг сомихофилон кæй сты, уымæ бацамыдта, æмæ зæгъта, ахæм митæ фыссын уыд гæнæн æрмæст сомихæгты æмæ гуырдзиæгты ’хсæн фидар æхсæнконфессион бастдзинæдтæ кæд уыдысты, уыцы рæстæджы: VII-VIII æнусты, X-XI æнусты та адоны æхсæн динон быцæутæ цыдысты, сæ аргъуанты æхсæн та дихдзинад фæци.[4] Æндæр иртасæг К. С. Кекелидзе критикон фиппаинæгтæ ууыл скодта, æвзагон æмæ лексикон хицæндзинадтæ санализ кодта, æмæ Мровелийы тексттæ æрыгондæр кæй сты, ахæм хæтдзаг рахасста.[5]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Марр Н. Я. Агиографические памятники по груз. рукописям Ивера // ЗВОРАО. 1900. Т. 13.
- ↑ Гамсахурдиа С. Развитие обществ.-ист. взглядов в Грузии XI в. // Моамбе (Вестник) / АН Груз. ССР. Тб., 1961. Вып. 1. С. 166-184 (на груз. яз.);
- ↑ Гаприндашвили Г. Строительная надпись 1066 г. Леонти Мровели из пещер Трехви // Моамбе (Вестник) / АН Груз. ССР. Тб., 1961. Вып. 1.
- ↑ Ингороква. 1941. С. 120-121)
- ↑ Кекелидзе К. С. Автор летописного извода «Жития святой Нины» // Он же. Этюды. 1945. Т. 2. С. 270-275;